Мидхъуыдтæгты министрад авд адæймагы æрцахста къордон тыхмидзинад организаци кæныны æмæ къордон тыхмидзинады хайадисты факттыл
Мидхъуыдтæгты министрад авд адæймагы æрцахста къордон тыхмидзинад организаци кæныны æмæ къордон тыхмидзинады хайадисты факттыл

 

Мидхъуыддæгты министрад æрцахста авд адæймаджы къордон тыхмидзинад организаци кæныны æмæ къордон тыхмидзинады хайадист, фæдагурæн архайдтыты фæдыл змæлд «Упорный», парти «Дроайæ» æмæ парти «Гирчи»-йы офисты, афтæ дæр парти «Иугонд националон змæлды» фæсивæдон офис, – уый фæдыл централон криминалон полицийы хъусын кæнынц Управленийы директор, Теймураз Купатадзе расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, къордон тыхмидзинады организаци æмæ къухдариуæгад, къордон тыхмидзинады хайадистæн æфхæрд цæуы 9 азы онг ахæстоны фæбадынæй.

«Ахст адæймæгты сæрмагонд басгæрсты фæстиуæгæн, барадхъахъхъæнджытæ æвдисæнæн систой: каскæтæ, уæлдæфон винтовкæтæ, бирæнымæц пиротехникæ, электротехникæ, компьютерон ифтонггарз æмæ а.д. ах Молотовы коктейлтæ, ахорæнтæ, æндæр æмæ æндæр хуызты раствортæ, кæцытæн снысан кодтой æмбæлон экспертизæтæ.

Фæнды нæ фехъусын кæнæм æхсæнадæн, цæмæй мидхъуыдтæгты министрады, цæугæ архæйдтыты фæлгæтты, тыхмигæнæг къордты æрдыгæй арæзт уголовон акт дæр цæуы иртæст Гуырдзыстоны уголовон кодексы 187 æмæ 353 статьятæм гæсгæ, фæлгæтты уыдонæй ныртæккæ ахст сты 6 адæймаг. Арæзт фыдракæндтæн æфхæрд цæуы 7 азы онг ахæстоны фæбадын. Дарддæр кæны фæдагуырд æппæт фыдгæнджыты рабæрæг æмæ æрцахсыны тыххæй. Цыфæнды æнæзаконон архайды фæстæ дæр уыдзæн æмбæлон барадон реагирдзинад полицийы æрдыгæй», – расидтис Теймураз Купатадзе.