Мидхъуыддæгты министрад - сидæм митингы хайадисджытæм, цæмæй æнæзакъонон архайдтытæ ма кæной
Митингы хайадисджытæ æппæрстой æнæзонгæ дзаумæттæ пъæлицæйæгтæм, иу пъæлицæйаг фæцæф ис, дзырдæуы МХМ-ы хъусинаджы.
Мидхъуыддæгты министрад митингы хайадисджытæм сиды, цæмæй æнæзаконон архайдтытæ ма кæной æмæ барадхъахъхъæнджыты амынддзинæдтæ æххæст кæной.
«Æнæкæсгæ бирæнымæц сидтытæм барадхъахъхъæнджыты æрдыгæй акцийы хайадисджытæм, цæмæй сæ протест ма ахиза закъонæй барлæвæрд æмбырды æмæ ныхасы сæрибардзинады фæлгæттæй, æрæмбырдуæвджытæй чидæртæ ныхмæлæуд кодтой барадхъахъхъæнджытимæ æмæ сæ æгад кодтой дзыхæй, бахъыгдардтой рухсгæнæн цырæгътæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ, стæй ма басыгътой электрон телтæ. Пъæлицæйæгтæм æппарынц æбæрæг дзаумæттæ, иу пъæлицæйаг фæцæф ис.
Митингы архайджытæм сидæм, цæмæй æнæзакъон архайдтытæ ма кæной æмæ барадхъахъхъæнджыты амынддзинæдтæ æххæст кæной. Науæд мидхъуыдтæгты министрад архайдзæн закъонæй лæвæрд мандаты фæлгæтты æмæ спайда кæндзæн Гуырдзыстоны закъондæттынадæй снысангонд мадзæлттæй», – ис фыст фидиуæны.