Мидхъуыддæгты министрад публикаци кæны информаци 2025 азы 21-æм декабрæй 31-æм декабрмæ митингтæ ауадзыны уавæрты фæдыл
Мидхъуыддæгты министрад публикаци кæны информаци 2025 азы 21-æм декабрæй 31-æм декабрмæ митингтæ ауадзыны уавæрты фæдыл.
Информацийы куыд банысангонд у афтæмæй, 21-æм декабрæй 31-æм декабрмæ æмбырд хъуамæ уа æнæ цыдæй, æмбырды хайадисджытæ сæ протест хъуамæ расидой Тбилисы, парламенты бæстыхайы раззаг фасады къæсæрыл æмæ алфæмблайы, æмæ тротуарыл змæлæг æмæ фæндагыл змæлгæ хæдтулгæты æндæр æмбæстæгты змæлд ма хъыгдарой.
«2025-æм азы 21-æм декабрæй 31-æм декабрмæ уагъдцæуæг æмбырды хайадисджытæ æмбырды афтæ хъуамæ архайой, цæмæй тæссаг ма уа æхсæнадон æдасдзинад æмæ фæткæн, органты, куыстуæтты, уагдæтты æмæ организациты нормалон куыстæн, транспорты кæнæ адæмы æнæкъуылымпыйæ змæлдæн, кæнæ æндæр адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæн Уымæй уæлдай ма, протесты хайадисджытæ хъуамæ къæсæрыл цæуой. Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы раззаг фасад, кæцы ис Тбилисы, Шота Руставелийы проспекты 8-æм хайыл уæвæг æмæ йæ фарсмæ уæвæг фæзуат, æмæ ма хъуамæ къуылымпы кæна тротуарыл змæлæг æндæр æмбæстæгты кæнæ фæндагыл змæлгæ хæдтулгæты змæлд», -ис фыст информацийы.