Мидхъуыддæгты министрад – митингы алы хайадисæгмæ сидæм, закъонæй снысангонд сабырадон арæнты мидæг протест кæна æмæ æнæзакъонон архайдтытæ ма бауадзой
Мидхъуыддæгты министрад – митингы алы хайадисæгмæ сидæм, закъонæй снысангонд сабырадон арæнты мидæг протест кæна æмæ æнæзакъонон архайдтытæ ма бауадзой

Митингы алы хайадисæгмæ сидæм, закъонæй снысангонд сабырадон фæлгæтты йæ протест равдиса æмæ æнæзакъонон архайдтытæ ма бауадзой – уый фæдыл информацийы хъусын кæны мидхъуыдтæгты министрады.

Уагдоны информацийæ, митингы адæмæй иуæй-иуты архайдтытæ митинг куы райдыдта, уымæй цыбыр рæстæджы фæстæ систы тыхмийы.

«Полицийы  дæлхайæдты минæвæрттæ сты мобилизацигонд æмæ хъахъхъæнынц æхсæнадон фæтк парламенты алфамбылайы цæугæ акцийы фæдыл. Цæмæй адæмæн фехъусын кæнæм, уый тыххæй нæ фæнды фехъусын кæнæм, цæмæй митингы адæмæй иуæй-иуты архайдтытæ, митингы райдайæнæй чысыл фæстæдæр, тыхмийы æрдæм раивтой.

Сæрмагондæй, акцийы уæнгтæ бахъыгдардтой закъондæттæн бæстыхайы дамбæтæ, афтæ дæр, дуртæ æмæ æндæр объекттæй спайдагæнгæйæ, парламенты фасады дæсмæ æввахс рудзынгæн йæ рудзгуытæ ныппырх кодтой. Уыимæ иумæ, митингы уæвæг адæм мобилизаци кодтой пиротехникæ, дуртæ, алыгъуызон уæззау дзаумæттæ, кæцытæй, æвæццæгæн, ногæй спайда кæндзысты барадхъахъæнджыты ныхмæ.

Ноджы иу хатт сидæм митингы алы хайадисæгмæ, закъонæй снысангонд сабырадон арæнты мидæг протест кæной æмæ æнæзакъонон архайдтытæ ма бауадзой. Полицийы æрдгæй, алы фæткхалды фæстæ уыдзæн æмбæлон барадон реагирдзинад», -ис фыст уагдоны рапарахатгонд информацийы.