Мевлут Чавушогълу хъусын кæны, цæмæй Сирийы сахартæй курдаг æфсæддæтты рацыды фарста, Турк æмæ Уæрæсе Сойы æркæсдзысты
Сирийы сахартæй, Манбиджийæ æмæ Кобанийæ курдаг фсæддæтты рацыды фарста, Турк æмæ Уæрæсе æркæсдзысты Сочæйы- уый фæдыл райхъусын кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгьты министр.
Мевлут Чавушогълуйы дзырдæй, Турчы президенты, Реджеб Таип Эрдогъаны æмæ Уæрæсейы президенты, Владимир путины фембæлд, фидæн къуырийы сырæздзæн.
Турк-Сирийы арæнгæрон сахар Кобанийы æмæ сахар Манбиджийы куырдæгты æрситы фæстæ уæвынц Сирийы хицауадон æфсады иугæндтæ дæр. Сиирийы хицауады сæйраг æмцæдисон та, растдæр Уæрæсе у. АИШ-ы æхсæны бацыдæй, турк æхсты фæурæдыл сразы ис 17 октябры. Бадзырдмæ гæсгæйæ, курдаг æфсæддон иугæндтæ арæнæй, 30 километрмæ хъуамæ алæууой.