Мевлут Чавушогълу – Хъаумæ нын уа Гуырдзыстоны хуызæн æмцæдисон, Гуырдзыстон хъуамæ суа НАТО-йы уæнг
Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу НАТОмæ æрсидтис ауæрæхы æмæ организацимæ Гуырдзыстоны райсынмæ. Уый фæдыл Мевлут Чавушогълу, Давосы Дунейы Экономикон Форумы фæлгæтты ацæугæ дискусситы рæстæджы райхъусын кодта.
«Æз не мбарын, цæуылнæ хонæм Гуырдзыстоны альянсмæ, кæнæ цæмæн нæ фæактивон кодтам архайадон пълан Гуырдзыстонæн. Критикæ нæ кæнынц Уæрæсеимæ, куыд сыхаг паддзахадимæ абаргæйæ дзæбæх ахастытæ нын кæй ис уый тыххæй, фæлæ нæ ныгуылæйнаг хæлæрттæ никуыд разы кæнынц Гуырдзыстоны æрбахуындимæ, уымæн æмæ сæ нæ фæнды Уæрæсейы сæхиуыл сардауын. Фæлæ Гуырдзыстонæн мах æнæмæнгхъæугæ стæм, афтæ куыд мах хъæуы Гуырдзыстоны хуызæн æмцæдисон. Æнæмæнгхъæугæ нын у ауæрæх æмæ Гуырдзыстон хъуамæ суа НАТО-йы уæнг» – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълу.
Афтæма, Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй зæгъгæ никуы æрфидаудзæн анекси æмæ оккупациимæ.
«Разы стæм æви нæ Уæрæсеимæ Хъырым кæнæ Гуырдзыстоны фарстамæ гæсгæ? Нæй! Мах никуы æрфидаудзыстæм ацы æнæзакъонон оккупаци æмæ анексиимæ. Нæ алыварс бирæ салд конфликт ис, Гуырдзыстоны дыууæ регион, Уæлхох Карабах, Хъырым. Уæрæсеимæ иуæй-иу фарстатыл разы не стæм, фæлæ æмкуыст кæнæм бирæ сферæты»- райхъусын кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр.
Афтæма Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр, Мевлут Чавушогълу, немыцаг рауагъдад «Бильдимæ» интервьюйы загъта, цæмæй зæгъгæ Турк кæддæридæр æнцой дардта Гуырдзыстоны, НАТО-йы уæнгæй суæвыны темæйæн, фæлæ Германи æмæ Франц, ацы къахдзæф саразын, Уæрæсейы смæсты кæныны тасæй не ууæндынц.