Метро абон 23:00 сахатæй 04:00 сахаты онг бæлццæттæн лæвар лæггад кæндзæн, 12-13 апрелы та уæлмæрдтæм автобустæ 08:00 сахатæй 20:00 сахаты онг лæвар цæудзысты
Метро абон 23:00 сахатæй 04:00 сахаты онг бæлццæттæн лæвар лæггад кæндзæн, 12-13 апрелы та уæлмæрдтæм автобустæ 08:00 сахатæй 20:00 сахаты онг лæвар цæудзысты
Куадзæны бæрæгбонмæ гæсгæ,Тбилисы муниципалитеты хицауад аскъуыддзаг кодта муниципалон транспорты эксплуатацимæ бæрæг ивæндзинæдтæ бахæссын – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Тбилисы транспорты æмæ горæты арæзтады агентады маршрутон планкæныны службæйы къухдариуæггæнæг Мамулашвили Мераб расидтис. «Сæрмагондæй, абон, 11-æм апрелы 24:00 сахатæй, метройы эксплуатаци адарддæр уыдзæн 12-æм апрелы 04:00 сахаты онг. Уымæй уæлдай ма, 11-æм апрелы 23:00 сахатæй, адаргъгонд рæстæгимæ иумæ, бæлццæтты лæггæдтæ уыдзысты лæвар», – банысан кодта Мамулашвили. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлдæр ранымадæй дарддæр ма 12 æмæ 13 апрелы уæлмæрдтæм  плангонд сты специалон  маршруттæ, кæцытæ кусдзысты райсомы 08:00 сахатæй изæры 20:00 сахатмæ æмæ ацы периоды ацы  маршруттыл лæггæдтæ уыдзысты æнæаргъ.