Метью Миллер – нæ сагъæстæ æргомæй сфиксир кодтам Гуырдзыстоны хицауадимæ
Тынг мæтæйдзаг стæм Гуырдзыстоны парлменты ивгъуыд азы «Фæсарæйнаг агентты» закъонопроектыл бындурæвæрд закъонопроекты бавдыстйы -уый фæдыл банысангонд у паддзахадон департаменты пресспикры Метью Миллеры фидиуæны, кæцы департаменты официалон веб-фарсыл уыд публикацигонд.
Миллер куыд банысан кодта, афтæмæй, АИШ йæ сагъæстæ равдыста Гуырдзыстоны хицауадимæ.
«Закъонопроект у тæссаг æмбæстагон дзыллæйы организацитæн, кæй куыст дæр пайдаджын у Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ æрвылбойнон царды ахæм сфеæрты, цахæмдæр у æнæнизхъахъъæд, ахуырад æмæ социалон æххуыс. Уый йæ бын кахы Гуырдзыстоны иузæрдыгдзинадæн Евроатлантикон интеграцимæ æмæ Гуырдзыстоны европаг фæнадгæй аиртасыны риск æвзæрын кæны. Нæ сагъæстæ тынг æргомæй сфиксир кодтам Гуырдзыстоны хицауадимæ», – банысангонд у фидиуæны.
«Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъондæттæн инициативæ парламенты ныридæгæн уыд инициргонд. Ивдтытæ фидæн къуырисæры бюройы рабадтыл бадвисдзысты, цæй фæстæ дæр ууыл уынаффæ райдайдзæн.