Местиа хаст æрцыд ELLE-ы 2019 азы сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадты ранымадмæ
Номдзыд францаг рауагъдад ELLE-ы бритайнаг редакци, 2019 азы 18 сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадты æхсæн Гуырдзыстон, сæрмагондæй та Местиа æрнымадта.
Рауагъдад куыд фыссы афтæмæй, туристон сферæйы бритайнаг эксперттæ Гуырдзыстон банымадтой иуæй-иу сепæтæй зæрдæмæдзугæ бæстæйæ.
«Фæзæрдæцъæх стут Европæ æмæ Азийæ? Абалц кæнут Гуырдзыстонмæ» – фыссы ELLE.
Публикацийы мидæг дзырдæуы, цæмæй Сванеты балцы рæстæджы туристтæ æнæмæнгæй хъуамæ ахæссой цæст этнографион музейыл, æрмæст активон уазджытæн та æнæмæнгæй амонынц Халдайы цъитимæ ыссæуын æмæ Ушбайы цур уæвæг цадты фенын.
«Гурмантæ æнæмæнгæй хъуамæ ацаходой сванаг хæринæгтæ – къубдари æмæ æмæ ташмиджаби» – дзырдæуы статийы.
ELLE-ы эксперттæ туристтæн амонынц Гуырдзыстонмæ майы, июны кæнæ сентябры балц кæнын. Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ, рекомендацигонд у Гуырдзыстонмæ фæззæджы абалц кæнын, сæрмагондæй та, кæд æмæ уазджытæ Къахетмæ фæуазæг уыдзысты.