«Мессенджермæ» æфтыд æрцыд конкретон мессиджæн дзуапп раттыны функци
«Фейсбук-мессенджермæ» æфтыд æрцыд иу тынг хъæугæ функци – цитиргонд дзуапп. Ацы уæлæмхасæйны фæрцы уæм лæвæрд цæуы фадат дзуапп раттын конкретон мессиджæн, кæцы тынг хъæугæ у ахæм чатты, кæцыты дæр ныхас цæуы бирæ темæйы алыварс. Ацы функцийы руаджы, адæймæгтæ кæцытимæ ныхас кæнут, амæй фæстæмæ зондзысты конкретонæй кæцы месиджæн раттат иу кæнæ æндæр дзуап.
Ацы функци рагæй ис «Фейсбукы» сæрмагонд ноджы иу платформæ «Ватсаппæн». Пайдагæнджытæ уый рахæссын куырдтой «мессенджермæ» дæр, кæцы фæстагмæ реалондзинадæй ссис.
Конкретон мессиджæн дзуапп раттынæн, хъæуы ацы мессиджыл уе нгуылдз дæргъвæтин ныххæцат æмæ уæд разындзæн ног кнопкæ, номхуындæй «дзуапп» (reply). Алцыппæт тынг æнцон у. уый фæстæ, уе мгæрттимæ уын нал фæзындзæн æнæмбарындзинад,уый тыххæй цæмæй кæцы месиджæн раттат дзуапп.
Ног функци рæувадат у андроид æмæ IOS системæтыл.