Меркелы, Трампы, Макроны æмæ Мэйы  иумæйаг фидиуæн – Скрипалы фæхъæстæ у  Стыр Британийы суверенитетмæ бырст
Меркелы, Трампы, Макроны æмæ Мэйы иумæйаг фидиуæн – Скрипалы фæхъæстæ у Стыр Британийы суверенитетмæ бырст

Франц, Германи, АИШ-æ æмæ Британи  хъусын кæнынц, цæмæй  Скрипалы  марындзинад тæссаг у сæ æдасдзинадæн дæр –   уый фæдыл  фидиуæн  ацы бæстæты  лидертæ сарызтой. Дональд Трамп, Ангела Меркель,  æмæ Тереза Мэй сидынц  Мæскуымæ,  дзуапп ратта  экс-полковникы  фæхъæстæйы фæдыл  лæвæрд фарстытæн.

Иумæйаг фидиуæны афтæдæр дзырдæуы, цæмæй  Скрипалы  ныхмæ  цы  нервон-паралитизгæнæг буарадæй  спайда кодтой,  Европæйы территорийыл, дыккаг дунеон хæсты фæстæ  фыццаг  хаат разынд. Фидиуæны Скрипалы  æмæ йæ чызджы  фæхъæстæ кæнынæн аргъ скодтой, Стыр Британийы  суверенитетмæ бырстæй.

Уыдон домынц Уæрæсейæ, Сергей Скрипалы  фæхъæстæ  кæныны рæстæджы  цы химикон буарадæй  спайда кодтой уый  æрцæттæйы  программæйы  детæлттæ раргом  кæнын.

Стыр Британийы  преьмер-министр Тереза Мэйы  фидиуæнæй, Британи,  Уæрæсекйы  иуыл бæрзонд  хицауадимæ алгъуызон æмвæзадыл  ахастытæ  скъуыны. Фæнысангонд  скуыддзаг ист æрцыд  сахар Солсберрийы, Уæрæсейы  рагысгарæг куысты  раздæры офицеры, Сергей Скрипалы  æмæ йæ  чызджы  фæхъæстæ кæныны  тыххæй.

66 аздзыд   Сергей Скрипалы,  æмæ  йæ 33 аздзыд чызджы,  зæрдæхъармæй  ссардтой  Британийы  сахар Солсберрийы  4  марты.  Полицийы  информацийæ,   сæ фæхъæстæ кæнынæн  спайда кодтой   нервон системæйы  парализгæнæг буарадæй.  66 аздзыд  Сергей Скрипаль  Стыр Британийæ хиæмбæхсæн  2010 азы, Вашингтон æмæ Мæскуыйы  æхсæн дзырдхæссджыты баивды рæстæджы   райста.