Меркелы, Трампы, Макроны æмæ Мэйы иумæйаг фидиуæн – Скрипалы фæхъæстæ у Стыр Британийы суверенитетмæ бырст
Франц, Германи, АИШ-æ æмæ Британи хъусын кæнынц, цæмæй Скрипалы марындзинад тæссаг у сæ æдасдзинадæн дæр – уый фæдыл фидиуæн ацы бæстæты лидертæ сарызтой. Дональд Трамп, Ангела Меркель, æмæ Тереза Мэй сидынц Мæскуымæ, дзуапп ратта экс-полковникы фæхъæстæйы фæдыл лæвæрд фарстытæн.
Иумæйаг фидиуæны афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Скрипалы ныхмæ цы нервон-паралитизгæнæг буарадæй спайда кодтой, Европæйы территорийыл, дыккаг дунеон хæсты фæстæ фыццаг хаат разынд. Фидиуæны Скрипалы æмæ йæ чызджы фæхъæстæ кæнынæн аргъ скодтой, Стыр Британийы суверенитетмæ бырстæй.
Уыдон домынц Уæрæсейæ, Сергей Скрипалы фæхъæстæ кæныны рæстæджы цы химикон буарадæй спайда кодтой уый æрцæттæйы программæйы детæлттæ раргом кæнын.
Стыр Британийы преьмер-министр Тереза Мэйы фидиуæнæй, Британи, Уæрæсекйы иуыл бæрзонд хицауадимæ алгъуызон æмвæзадыл ахастытæ скъуыны. Фæнысангонд скуыддзаг ист æрцыд сахар Солсберрийы, Уæрæсейы рагысгарæг куысты раздæры офицеры, Сергей Скрипалы æмæ йæ чызджы фæхъæстæ кæныны тыххæй.
66 аздзыд Сергей Скрипалы, æмæ йæ 33 аздзыд чызджы, зæрдæхъармæй ссардтой Британийы сахар Солсберрийы 4 марты. Полицийы информацийæ, сæ фæхъæстæ кæнынæн спайда кодтой нервон системæйы парализгæнæг буарадæй. 66 аздзыд Сергей Скрипаль Стыр Британийæ хиæмбæхсæн 2010 азы, Вашингтон æмæ Мæскуыйы æхсæн дзырдхæссджыты баивды рæстæджы райста.