Мераб Турава – президенты фæдыл уынаффæ къухбафыст уыдзæн  12:00 сазаты фæстæ, ницы æлхъывд хъæуы, æнæ уый дæр зонæм, цавæр æмæ цы  уынаффæ хъуамæ рахæссæм
Мераб Турава – президенты фæдыл уынаффæ къухбафыст уыдзæн 12:00 сазаты фæстæ, ницы æлхъывд хъæуы, æнæ уый дæр зонæм, цавæр æмæ цы уынаффæ хъуамæ рахæссæм

Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæг  Мераб Туравайы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийы  импичменты фæдыл бавдысты  уынаффæйыл Контситуцион тæрхондоны тæрхонгæнджытæ 12:00 сахаты фæстæ  бафысдзысты  къух.  Уый фæдыл  Мераб Турава  фехъусын кодта журналисттæн.

«Ис уынаффæйы сусæгдзинад, кæцы макæмæн хъуамæ базонын кæнай, цалынмæ  тæрхонгæнджытæ  къух нæ бафысдзысты   уынаффæйыл.   Гæнæн ис  къухбафыысыны онг   тæрхонгæнæг  фæива иæ позици.  Документ нырма ничи бафыста.  Къухæвæрд уыдзæн  12   сахаты фæстæ. Боны дæргъы  йæ фæуыдзыстæм. Ницы æлхъывд  уыдис.  Ницæй хъомыс дарын нæ хъæуы,   æнæ уый дæр зонæм, цавæр æмæ цы  уынаффæ хъуамæ рахæссæм.  Цæй  зæгъын æй хъæуы  мæнæн бæрæг у  тæрхонгæнджыты позици. Мах æрымбырд стæм, фæуынаффæ кодтам. Хъуыдыты хъауджыдзинад уыдис æви нæ, уый дæр уынаффæйы   сусæгдзинад у.  Уый бар дæр нæм нæй,  зæгъæм.  Зонæм кæрæдзиы позици. Уынаффæйы  сусæгдзинад нæ раргом кæндзынæн, фæдæ, къух куы бафысдзыстæм  документыл, уæд хъуамæ райсæм уынаффæ, кцы  барадмæ гæсгæйæ  уыдзæн аргументиргонд. Уынаффæйы  сусæгдзинад халын у фыдракæнд» –  банысан ма кодта Турава.

Фарстыл, æмуд уыдзæн æви нæ  уынаффæ, Мераб Турава  банысан кодта, цæмæй  «уый дæр  уынаффæйы сусæгдзинад у» зæгъгæ.