Медведев - бахъуаджы цауы Уæрæсемæ ис бар спайда кæна атомон хæцæнгарзæй
Бахъуаджы цауы Уæрæсемæ ис бар, спайда кæна атомон хæцæнгарзæй, – уый фæдыл Уæрæсейы æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведев, ныффыста социалон хызаджы.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, фæстаг рæстæджы ныгуылæны сæйраг темæ Уæрæсейы æрдгæй атомон тас у æмæ политиктæ Уæрæсемæ æртхъирæн кæнынц æбуалгъ фæстиуджытæй атомон хæцæнгарзæй спайдаы цауы.
«Бахъуаджы цауы Уæрæсемæ ис бар, спайда кæна атомон хæцæнгарзæй рагагъоммæ бæрæг цауты атомон фæурæды сферæйы падзахадон политикæйы бындуры карз хъахъхъæнгæйæ, кæд мах кæнæ нæ æмцæдисонтæм ныббырсдзысты, ацы типы хæцæнгарзæй, кæнæ кæд агрессийы рæстæдлжы спайда кæндзысты хуымæтæг хæцæнгарзæй æмæ тæссаг уыдзæн нæ падздзахады уæвынæн», – фыссы Медведев.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе нæ бауадздзæн, цæмæй ахæм типы хæцæнгарз йæ сыхаг падздзахадтæм фæзына.
«Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй махмæ знагон ахаст дарæг сыхаг падздзахадты ма фæзына атомон хæцæнгарз. Дæнцæн, «нацистон» Украинайы кæцыйы абон контрол кæнынц НАТО-ы бæстæтæ», – фыссы уырысы æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг.