Медведев -  бахъуаджы  цауы  Уæрæсемæ ис бар спайда кæна  атомон  хæцæнгарзæй
Медведев - бахъуаджы цауы Уæрæсемæ ис бар спайда кæна атомон хæцæнгарзæй

Бахъуаджы цауы  Уæрæсемæ  ис бар,  спайда кæна атомон хæцæнгарзæй, – уый фæдыл  Уæрæсейы   æдасдзинады советы  сæрдары хæдивæг  Дмитрий Медведев, ныффыста  социалон хызаджы.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ,   фæстаг рæстæджы   ныгуылæны  сæйраг темæ  Уæрæсейы æрдгæй  атомон тас у  æмæ  политиктæ  Уæрæсемæ  æртхъирæн кæнынц  æбуалгъ фæстиуджытæй  атомон хæцæнгарзæй спайдаы цауы.

«Бахъуаджы цауы  Уæрæсемæ  ис бар,  спайда кæна атомон хæцæнгарзæй  рагагъоммæ  бæрæг  цауты  атомон  фæурæды  сферæйы  падзахадон политикæйы бындуры  карз  хъахъхъæнгæйæ,  кæд  мах кæнæ нæ æмцæдисонтæм  ныббырсдзысты, ацы  типы  хæцæнгарзæй,  кæнæ кæд агрессийы рæстæдлжы  спайда кæндзысты  хуымæтæг хæцæнгарзæй  æмæ тæссаг уыдзæн  нæ  падздзахады  уæвынæн», – фыссы  Медведев.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсе нæ бауадздзæн, цæмæй ахæм типы  хæцæнгарз  йæ сыхаг падздзахадтæм фæзына.

«Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй  махмæ знагон   ахаст дарæг  сыхаг падздзахадты  ма  фæзына  атомон хæцæнгарз.  Дæнцæн, «нацистон» Украинайы  кæцыйы абон  контрол кæнынц  НАТО-ы бæстæтæ», – фыссы уырысы  æдасдзинады  советы сæрдары  хæдивæг.