Медийы хъусинагæй, уырыссаг оккупанттæ Херсоны,  «референдумы» æмæ  оккупацийы  ныхмæ  протестон акци  ныссæстой
Медийы хъусинагæй, уырыссаг оккупанттæ Херсоны, «референдумы» æмæ оккупацийы ныхмæ протестон акци ныссæстой

Херсоны бынæттон  цæрджытæ, псевдореферендумы  æмæ Уæрæсейы  оккупацийы  ныхмæ  сабырадон  протестон  акцимæ рацыдысты.

Уый фæдыл   информаци хъусын кæны  укаринаг медиа.

Медийы информацийæ,   уырыссаг оккупанттæ, акци ныссæстой  цæссыгуадзæн  газæй æмæ  зæлон-пæртткуырмгæнæн гранатæтæй. Ахæлиугонд хъусинагæй  ис дзы  зиангондтæ  æмæ  æрцахстуæвджытæ дæр.

Медиа куыд хъусын кæны афтæмæй,   Бæрзонддæр радæйы  адæймаджы барты  комиссар, Людмила  Денисова  райхъусын кодта, ома  фыццаг майæ 10 майы онг периоды, уырыссæгтæ Херсоны  зылды а.х.  референдум  ауадзын хъавынц.