Медийы хъусинагæй, Уæрæсæйы фыдгæнæг æфсады, Николаев, Харьков æмæ Никополмæ бырсты фæстиуæгæн базиан ис хæдзæрттæ æмæ амард цалдæр адæймаг
Уæрæсейы æфсад горæт Николаев, Харьков æмæ Никополыл бырстытæ сххæст кодта. Бынæттон хицауад куыд хуъсын кæны афтæмæй, 31 июлы æхсæв сеппæтæй вазыгджын уыд Николаевы цæрджытæн, цы ран цалдæр фидар стынд уыд.
Уæвæг информацийæ, зиангонд сты хæдзæрттæ, уыдис зынгсирвæзытæт, амарж иууыл цъус 2 адæймаг.
Харьковы та æхсæвы айхъуыст æхсæз стынд. Украинайы хицауады хъусинагæй, фæстиуæгæн базиан ис цалдæр кондад æмæ сыгъд фæзынд цæрæн хæдзæртты. Хуырыс артиллерион æхст бакодта Сумы æмæ Днепропетровскы зылдты. Уыимæ ахæлиугонд хъусинагæй, интенсивон хæцæн архæйдтытæ дарддæр кæнынц Донбассы, цы ран оккупанттæ горæт Бахмутмæ бырсæнцыд архайынц, фæлæ украинæгтæ бахъом сты уыдонæн ныхкъуырд скæнын.
Медиа куыд фыссы афтæмæй, украинаг æфсæддæттæ хафт сыххæст кодтой Херсон æмæ Николаевы зылдты хуырыссаг позицитыл æмæ æвæрæнтыл, фæстиугæн скуынгæ ис удæгас тых æмæ техникæ.