Медийы хъусинагæй, Чех Украинайæн  танктæ  ратдзæн
Медийы хъусинагæй, Чех Украинайæн танктæ ратдзæн

Чех Евроцæдисы фыццаг бæстæ у, кæцы Украинайæн   комкоммæ  дæтты размæбырсæн хæцæнгарз. Информаци уый фæдыл хъусын кæны «ВВС».

Медийы хъусинагæй,  Чехы  бæрзонд гæстæ, «Ройтерæн» фехъусын кодтой, цæмæй бæстæ Украинайæн  советон цæдисы конд  Т-72 танктæ æмæ «BVP-1»  типы  фыстæгты згъæрджын  хæдтулгæтæ  арвыста.

Чехы  хъахъхъæнынады  министр Яна  Церночова  бæстæйы  парламенты райхъусын кодта, цæмæй Чех Украинайæн цы æххуыс ракодта, уый деталты фæдыл информаци  нæдæр бæлвырд кæны æмæ æнæйы зæгъгæ нæ дзуры.

«Æрмæст уæ уый бæрвырд зонын кæнын, цæмæй Чехы Республикæ  Украинайæн  амалуæвгæйæ  æххуыс кæны  æмæ  баххуыс уыздæн  æфсæддон ифтонггæрзтæй, куыд  рог, афтæ  уæззау хотыхтæй», –   райхъусын кодта Чехы хъахъхъæнынады министр.