Медийы хъусинагæй, америкаг сенатортæ Джо Байденæн бавдыстой Уæрæсейы фæуромыны фæдыл стратеги
Медийы хъусинагæй, америкаг сенатортæ Джо Байденæн бавдыстой Уæрæсейы ф æуромыны стратеги. Информаци украинаг меди «Вашингтон Постыл» æнцойæ хъусын кæны.
Медийы хъусинагæй, америкаг сенатортæ, Джин Шахин æмæ Ром Портман президент Джо Байденæн, Уæрæсейы фæуромынæн цыппарпунктджын стратеги баыдстой. Стратеги йæ хъуыдыйы дары, куыд дипломатон, афтæ экономикон æмæ æфсæддон мадзæлттæ.
Бавдыст стратегимæ гæсгæйæ, Иугонд Штаттæ Украинайæн хæстифтонгады гуырахсты хъуамæ фæфылдæр кæна æмæ сфионг кæна зентион, танкы ныхмæ æмæ наутыныхмæ системæтæй, афтæма электронон хæстон фæрæзтæй. Уыимæ АИШ Уæрæсейæ фидæны бадзырдты онг хъуамæ æркура Украинайы арæнгæрон дислоциргонд æфсæдды фæстæмæ аконд.
Америкаг сенаторты стратегимæ гсгæйæ, АИШ Германийы хицауадимæ æмскуыст хъуамæ кæна æмæ ма бауадза газдадзæн «Цæгат Къада 2»-ы эксплуатацимæ райст æмæ партнертимæ иумæ æхсæнадæмон коалици хъуамæ скæна.
Уыимæ иумæ, Респубоикаг сенатор Роджер Вкер, АИШ-ы президенты администрацимæ æрсидтис, цæйæм мацы фæхатыр кæной Владимир Путинимæ æмæ Уæрæсейы преизденты алыварслæуджыты ныхмæ санкцитæ сфидар кæныны æнæмæнгхъæуындзинад бацамыдта.