Медийы инфоромацийæ, ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, уырыссаг æфсæддæттæ Харьковы, Донецкы зылды, Николаев æмæ Херсоны ракетон хафтытæ сыххæст кодтой
Хуырыссаг æфсæддæттæ та ракетон бырст ракодтой Харьковыл. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Харьковы зылды æфсæддон администрацийы къухдариуæггæнæг Олег Синегубов.
Уыимæ, Харьковы мер, Игор Терехов хъусын кæны, цæмæ сæумæрайсомæ бомббæкалд уыд автобусы лæууæныл, афтæма бирæуæладзыгон корпусы кæртыл. Ракетон бырсты фæстиуæгæн фæцæф ис 2 адæймаг.
«Æхсæнадон транспорты лæууæнтыл æхст хуырыссаг агрессоры æрдгæй систематон равг райста. Абон 07:10 сахатыл та фæцæф ис адæймаг, кæцы автобусмæ æнхъæлмæ каст. Уый аласта тагъд медицинон æххуысы бригадæ. Салтовскы районы æмтгæй райсгæйæ цалдæр ракетæ æрхауд. Бирæуæладзыгон цæрæн корпусы кæрты афтæдæр фæцæф ис адæймаг æмæ базиан сты хæдтулгæтæ» – хъусын кæны Терехов.
Уымæй дарддæр ма, Донецкы æфсæддон зылдон администрацийы къухдариуæггæнæг Павло Кириленко хъусын кæны, цæмæй ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, оккупантты æрдгæй æхсты амæттаг Донецкы зылды ссис æртæ адæймаг, 16 та фæцæф сты. Уыдонæй дыууæ æрбамард Бахмуты, кæцыйы бацахсынæн Уæрæсейы тыхтæ нырид цалдæр къуыри у активонæй архайынц.
Æхсæвы дæргъы æртæ ракетон хафт уыд Николаевыл дæр. Горæты меры хъусинагæй, фæцæф сты æртæ адæймаг. Иуæй-иу ракетон хафт сыххæст ис медицинон уагдоныл.
Уыимæ оперативон сæрдарад «Хуссар» хъусын кæны, ома Украинайы гарзджын тыхтæ Херсоны зылды скуынæг кодтой хуырыссаг техникæйы, хæстæрмæджы æмæ удæгас тыхы эшелон.