Медийы информацимæ гæсгæ, Львовы ракетон бабырсты фæстиуæг, цыппар адæймаг фæмард
Медийы информацимæ гæсгæ, Львовы ракетон бабырсты фæстиуæг, цыппар адæймаг фæмард
Хæсты райдайæнæй 498-æм бон, Уæрæсе ракетон цæфтæ æххæст кæны Украинайыл, – уый фæдыл «Рейтер» фыссы. Медийы информацимæ гæсгæ, æхсæв сиренæйы хъæр хъуыст Украинайы фылдæр регионты. Львовы регионы ракетон бабырсты фæстиуæг критикон инфраструктура баййæфта зиан. Ракета сымбæлд бæрзондуæладзыгон корпусыл, фæмард 4 адæймаг, фæцæф фараст, 60–онг фатер æмæ 50–онг автомобиль.