Медийы информацийæ, Джаккартайы цæгаты, денджызы ныххаугæ бæлццонон хæдтæхæджы сигнал сфиксир кодтой
Индонезийы цæугæ ирвæзынгæнæн-агурæн операцийы хайадисджытæ Джаккартайы цæгаты, денджызы ныххаугæ бæлццонон хæдтæхæджы сигнал сфиксир кодтой. Ссардтой марды буæртты уæнгтæ æмæ хæдтæхæджы састытæ.
Æмбæлон информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
«Сигнал длыууæ ран сфиксир кодтам, гæнæн ис сау асыкк дæр уа» – хъусын кæны Индонезийы агурæн-ирвæзынгæнæн агентады хистæр.
Агурæн-ирвæзынгæнæн операцийы хайад исынц æфсæддон-денджызон тыхтæ дæр.
Индонезийы авиакомпани Sriwijaya Air-ы Боинг 737-500, кæцыйы бортыл 62 адæймаг уыд, 9 январы Джаккаратайы аэропортæй стахты фæстæ радартæй фæтар ис цъус рæстæгмæ. Хæдтæхæг Индонезийы горæт Понтианакмæ æххæст кодта рейс.
Индонезийы хицауады информацийæ, бортыл уæвæг адæм иууылдæр уыдысты Индонезийы æмбæстæгтæ. Транспорты минисры информацийæ, бортыл чи уыдис уыдонæй 12 уыдысты экипажы уæнгтæ. Бæлццæтты æхсæн уыдис 10 сывæллон, сæ нымæцы æртæ ноггуырд. Министры информацийæ, «Боинг737» аэропортæй 20 километры сакъадах Лакимæ хæстæг æрхаудта.