Медиайы хъусинагæй, Турчы муниципалон æвзæрстыты сæйраг горæтты лидер у «Адæмон Республикаг Парти»
Турчы муниципалон æвзæрстыты хæлæсты бахыгъд дарддæр кæны медиа куыд фыссы афтæмæй, ацы рæстæгмæ уæвæг бæрæггæнæнтæй, алы сæйраг горæты сæрмагондæй та, Стамбулы, Анкара мæ Измиры «АдæмонРеспубликаг Парти» у лидер.
Бюллетенты 72,43 проценты бахыгъды фæстæ Стамбулы сæйраг оппозицион партийы «Республикаг Адæмон Партийы» архайæг президент Экрем Имамогълу 50,37 % лидер у, æрмæст «Рæстдзинады æмæ Райрæзты Партийæ» йæ конкурентæн, æрдзы хъахъхъæды раздæры министр Мурат Курумæн ис 40,9%.
Турчы сæйраг горæты, Анкарайы архайæг мэр Мансур Иавасæн ис 58,79%, æрмæст Тургут Алтинокæн 33,27%.
Горæт Измиры æвзæрстгæнджыты 48, 25 процент схъæлæс кодтой Джемил Тугайæн «Адæмон Республикаг Партийæ» æрмæст Гамза Дагæн 37,06 процентæн ис. Измиры бахыгъд кодто1 бюллетенты 70%.
Æвзæрстыты 34 политикон парти исынц хайад. Æнæхъæн бæстæйы масштабæй 200 000 взарæнон фадыг уыд.