Медиайы хъусинагæй, Эмануэл Макрон Францы сæйраг политикон партиты лидертимæ фæныхас кодта Украинайæн фарсхæцыны фарстайы фæдыл
Францы президент Эмануэл Макрон бæстæйы сæйраг политикон ипартиты лидертимæ Украинайæн фарсхæцыны фарстайыл фæныхас кота.
«Гардиан» куыд фыссы афтæмæй, ивгъуыд къуырийы Макроны фидиуæнæн – ома Украинамæ ныгуылæн сурзæххон æфсæдды арвитын цух нæ у стыр резонанс уыдис. Францы оппозицион партиты лидертæ Макроны ацы фидиуæн бафаудтой. Нæкæсгæ уымæ Францы президент хъусын кæны цæмæй Украинайы æфсæддон фарсхæцыны райрæзын кæнын æнæмæнгхъæугæ у.
Абоны фембæлдыл Макрон францаг политикон партиты минæвæрттæм Паризы ивгъуыд къуырийы уагъд æхсæнадæмон конференцийы фæстиуджытæ базонын кодта, кæцыйы рæстæджы европаг лидертимæ Украинайæн æххуысы фарста æркастис.
Оппозицион лидертимæ фембæлды онг Макрон афтæдæр фæныхас кодта Францы раздæры президенттимæ, Франсуа Оландимæ æмæ Николя Саркозиимæ.
Елисейы галуаны уагъд бадзырдты фæстæ Франсуа Оланд бахахх кодта Укрианайæн фарсхæцыны æнæмæнгхъæуындзинад, фæлæ йæ дзырдæй зæгъгæ «францаг æфсæддæттæ хæстон архæйдтытæм ма хъуамæ баиу уой».
Фарстыл зæгхгæ раз у æви нæ уый Макроны фидиуæнимæ цæмæй Укрианамæ æфсæдды арвитын цух ма хъуамæ уа, Оланд афтæ сдзуапп кодта: «Цас цъус дзурдзыстæм уый йас хуыздæр у».
Францы закъондæттæг оргæны Украинаимæ баст стратгеийы, уый нымæцы февралы Париз æмæ Киевы æхсæн бафыст æдасдзинады фæдыл бадзырды, иннæ къурийы æркæсдзысты.