Медиайы хъусинагæй, бардзырд бафыссыны фæстæ Украинайæ 1,5 милуан тоннæ хоры культурæты экспорт сыххæст ис
Бадзырд бафыссыны фæстæ, Украинайæ нырид 1,5 милуан тоннæ хоры экспорт сыххæстис.
Информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
Медиа куыд фыссы афтæмæй, августы райдаæнæй, Украинаг порттæй хойрагæй едзаг 61 уæзласæн нау рауыдис, кæцыты фæрцы бантысти 1,5 милуан украинаг хоры экспорт.
«Ройтер» Украинайы инфратсруктурæйы министрады фидиуæныл æнцойæ хъусынк æны, цæмæй украинаг порттæ абон 183 мин тоннæ хъæууон-хæдзарадон продукцийæ едзаг ноджы æртæ нау рацыд.
Уæвæг бæрæггæнæнтæй, Украинайæ хаст продукцийы 62% у нартхор, дыккаг бынатыл 17% у мæнæу, æрмæст стæй у хъæбæрхор 6%-æй. Афтæма Украинайæ æхсынæны, сойо æмæ æндæр продукцийы экспорт сыххæст ис.
Украинайы хъæууон хæдзарады министры фидиуæнæй, хъæууон-хæдзарадон продукцийы экспорт октябры кæронмæ 6-6,5 милуан тоннæйы онг райрæздзæн.