«Уолл Стрит Джорналы» информацийæ, АИШ Украинайæ хоры экспортæн альтернативон маршрутты бацагурын план кæны
«Уолл Стрит Джорналы» информацийæ, АИШ Украинайæ хоры экспортæн альтернативон маршрутты бацагуырд план кæны æмæ уый тыххæй бадзырдтæ уадзы Туркимæ, Украинаимæ æмæ йæ сыхæгтимæ.
Рауагъдад бæрзонд гæстыл æнцойæ куыд хъусын кæны афтæмæй, бакуыстæуыд план, кæцымæ гæсгæ дæр, октябрмæ Дунайыл гæнæн уыдзæн æрвылмæййонæй цыппар милуан тоннæ хоры транспортаци скæнын. Ацы гуырахсты стыр хай Сау Денджызыл Румынийы порттæм уыдзæн æрвыст, цæй фæстæ дæр, уæз æндæр æмæ æндæр бæстæтæм аласдзысты.
Рауагъдадмæ гæсгæйæ, Вашингтоны афтæдæр хъуыды кæнынц, альтернативон варианттыл, сæ нымæцы Украинайы порттæй змæлгæ уæзласæн науты бахъахъхъæнынæн æфсæддон фадæттæ дæр ис.