Медиайы информацийæ, Украина Туркмæ   87 ирвæзынгæнæджы арвыста
Медиайы информацийæ, Украина Туркмæ 87 ирвæзынгæнæджы арвыста

Куынæггæнæг  зæххæнкъуысты фæстиуджытимæ  тохы  баххуыс кæнынæн, Украина Туркмæ   87 ирвæзынгæнæджы арвыста.

Медиайы хуъсинагæй,  æмбæлгæ  барамынд  абон  ратта  министрты  кабинет.

Хицауады  фидиуæнæй,   мидхъуыддæгты министрады æмæ уæлвæтк уавæрты  паддзахадон куыстмæ  уыд хæслæвæрд,  агурæн-ирвæзынгæнæн балтæ  арвита Туркмæ  «АН-32» æмæ «Ан-26»-ы типы  хæдтæхджытæй æмæ   автомобилон транспортæй.  Æрвыст  87  адæймагы æхсæн  хæдтæхджыты экипажты  10 уæнг сты.

Бакой уын кæндзыстæм 6 февралы  Турчы хуссар-хурыскæсæны  æрцугæ  фидар зæххæнъкуысты  фæстиуæгæн,  фæстаг бæрæггæнæнтæй,    7100æй фылдæр адæймаг амард, зиæнттæ райстой  40 минæй фылдæр æмбæстаг. Стихийы фæстиуæгæн  зианбавзарæг 10  провинцийы æртæмæййон   уæлвæтк  уавæр   æрбайстой.