Мцхета-Степанцъминда-Ларсы фæндаджы 136-æм километрыл автотранспорты змæлд сног ис
Гуырдзыстоны регионон райрæзты æмæ инфраструктурæйы минситрады автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, уагъд куыстыты фæстиуæгæн, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндæгты 136-æм километрыл (нейтралон зонæ) автотранспорты змæлд сног ис.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй тæркъæвдайы æмæ уæлдайджын дæлдзырæтты тыххæй, фæнысангонд автомобилон фæндаджы 136-æм километрыл цæугæдон Терчы раивылды фæстиуæгæн фæндаджы 80 метры онг фадыг базиан ис, цæй тыххæй дæр фæнысангонд фадыгыл рæстæгмæ фæдзæхст уыд алы хуызы автотранспорты змæлд.