Гуырдзыстоны цалдæр  автомобилон фæндагыл  сфидар кодтой  змæлды специалон режим
Гуырдзыстоны цалдæр автомобилон фæндагыл сфидар кодтой змæлды специалон режим

Хъызты тыххæй, Гуырдзыстоны цалдæр  автомобилон фæндагыл змæлды специалон режимтæ сфидар кодтой.

Автомобилон  фæндæгты департаменты  информацийæ, змæлды  специалон  режимтæ  архайынц   ацы автомобилон фæндæгтыл:

Миты тыххæй  æхсæнадæмон  нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури(Поста)-Къобийы фадыгыл, мидпаддзахадон   нысаниуæгы  Гоми-Сачхере-Чъиатура-Зестапоны автомобилон фæндагыл, мидпаддзахадон нысаниуæгы  Кутаиси(Моцъамета)-Тъхъибул-Амбролауры  автомобилон фæндаджы км39-км62 (Накералайыæфцæг) æмæ мидпаддзахадон  нысаниуæгы  Сачхере(Сареки)-Узунта-Шкмери-Зудалы  автомобилон фæндагыл   фæдзæхст у  стыр уæзласæн  автотранспорты змæлд.

Интенсивон  миты æмæ  ныллæг  температурæйы тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы  Вазиан-Гомбор-Телауы автомобилон фæдаджы км36-км47  (Тетрицъхъаро-Верона) фадыгыл  змæлд гæнæн ис æрмæстдæр  дыууæ æмæ фылдæр хидджын   автотранспортæн. Автомобилон фæндаджы иннæ хайыл змæлд  автотранспортæн  уæгъд у.

Митуарыны æмæ зæйазары тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы  Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы  автомобилон фæнладжы км178-км185 (Кала-Ушгулы) фадыгыл   фæдзæхст у  алыхуызæн автотранспорты змæлд. Фæнысангонд фæндаджы  км70-км178 (Хаиши-Кала)  фадыгыл тобæгонд у   стыр уæзласæн æмæ м3 категорийы  22-йæ фылдæр æрбадæн бынатджын  бæлццонон  автотранспорты змæлд. Æрмæст км100-км178 (Лахамула-Кала) фадыгыл, рог автотранспорты  змæлд  уæгд у æрмæстдæр цæлхытыл специалон рæхысты фæрцы. Дыууæ æмæ фылдæр хидджын  хæтдулгæтæн  змæлд уæгъд у. Автомобилон фæндаджы км1-км70 (Зугдид-Хаиши) фадыгыл  автотранспорты змæлд  уæгъд у.