Матео Салвини – Уæрæсе энергетикæйы æмæ базарады фарстыты у Италийы стратегион партнер
Уæрæсе, базарады æмæ энергетикæйы Италийы стратегион партнер у. Рауагъдад Tiscali.it фыссы, цæмæй уый фæдыл Италийы ног хицауады вице-премьер æмæ мидхъуыддæгты министр, Матео Салвини рахъусын кодта.
«Æнæмæнгхъæугæ у хæларсыхагон æмæ дзæбæх æмкуысткæнынады принцип бахъахъхъæнын. Æз æнæдæр проуырыссаг æмæ нæдæр проамерикаг дæн. Мæ зæрдæ райы «Миланы» хъазтмæ куы кæсын уæд» – райхъусын кодта Салвини æмæ ацы рæстæджы банысан кодта, цæмæй Уæрæсеимæ æнæмæнгхъæугæ у базарадон ахастытæ бахъахъхъæнын.
«Уæрæсеимæ нын хъуамæ уа дзæбæх базарадон ахастытæ. Уый у стратегион партнер энергетикæйы цæстæнгасæй» – райхъусын кодта Матео Салвини.
Вице-премьеры ныхæстæм гæсгæ, Итали баззайдзæн алы иугонды кæцыйы уæнг у ацы афонмæ, Матео Салвин альтра-рахис партийы «Цæгаты Лигæйы» лидер у. Уый зындгонд у Владимир Путины фарсхæцæн фидиуæнтæй, бирæ хæттыты уыдис Уæрæсейы æмæ анексиргонд Хъырымы.