Марты фæстæ, Европæйы «Ковид-19»-æй мæлынады сегасдæр ныллæг бæрæггæнæнтæ сфиксир ис
Фæстаг 24 сахаты мидæг Италийы, Испанийы, Францы æмæ Стыр Британийы, вирусон инфекцийæ расайæг низты фæкарзимæ, марты фæстæ сеппæтæй къаддæр адæймаг амард.
Сæрмагондæй та Франы фæстаг æхсæв-боны мидæг фæмард 242 адæймаг, уыдонæй 152 рынчындæтты æмæ 90 та карджынты хæдзæртты. Фæстаг фондз къуырийы дæргъы уый сегасдæр ныллæг бæрæггæнæн у. Францы «Квоид-19»-ы диагнозæй, нырма ис 28 мин адæймаг, кæцытæй 4 682-ы æнæниздзинады уавæр у интенсивон терапимæ хаугæ.
Италийы 24 сахаты æрбамард 260 адæймаг, кæцы 14 марты фæстæ сеппæтæй ныллæгдæр бæрæггæнæн у. 31 марты фæстæ сеппæтæй къаддæр адæймаг æрбамард Стыр Британийы дæр.
Испанийы та ивгъуыд боны бæрæггæнæнтæй, фæмардуæвджыты нымæц абаргæйæ 25 процентæй фæкъаддæрдæр ис. Амард 288 адæймаг, кæцы 20 марты фæстæ сеппæтæй къаддæр дæр у.
Германийы фæстаг 24 сахаты мидæг «Ковид-19»-æй амард 140 адæймаг.