Мартвилы æмæ Чъхъондиды епархийы быцæудзинады рæстæджы цалдæр адæймаг фæцæф ис
Мартвилы æмæ Чъхъондиды епархийы быцæудзинады рæстæджы цалдæр адæймаг фæцæф ис, сæ нымæцы медийы минæвæрттæ дæр.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист бынатæй куыд хуъсын кæны афтæмæй, епархийы минæвæрттæ æмæ æмбæстæгты хай кæрæдзимæ фæбыцæу сты. Быцæудзинады аххосæй ссис епархийы ног нысангонд митрополит Степанэ, дыууæ аргъуанархайæгæн Константинэ Габисониа æмæ Петре Гъудушаурийæн службæ ауадзыны бар куы байста.
Хылы рæстæджы епархийы дыккаг уæладзыгыл расастис балконы æнцойгæрæн, кæцыйы рæстæджы цалдæр адæймаг балконæй рахауд. Зиангондты фæхæццæ кодтой рынчындонмæ.
Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ног нысангонд митрополит Степанэ зæгъгæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ныууадзæт епархи.