Марина Кальюранд хъусын кæны, цæмæй европарламенты делегаци Тбилисмæ фæуазæг уыдзæн июлы
Евродепутат Марина Кальюранды дзырдæй зæгъгæ европарламенты делегаци Тбилисмæ рацæуынмæ цæттæ кæны.
Кальюранд «Ассоциацигонд Триойы» бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртимæ фембæлды фæстæ куыд райхъусын кодта, афтæмæй фæнысангонд визит план кæны июлы райдайæны.
«Дзæбæх фембæлд уыд. Евроцæдисы æрдгæй интерес бæрзонд у. Нæ фыццаг фембæлд уыд ацы форматы æмæ мæ ныфс ис, кæй адарддæр уыдзæн уый. Афтæ дæр, æз куыд зонын, афтæмæй, европарламенты делегаци цæттæ кæны Тбилисмæ рацæуынмæ, июлы радайæны. Æз куыд зонын, афтæмæй, ай уыдзæн Жан-Монейы форматы диалог, фæлæ уый фæдыл фылдæр бæрæг уыдзæн цъус фæстæдæр», – райхъусын кодта Кальюранд.
Афтæма Марина Кальюранды фидиуæнæй, Евроцæдисимæ æрыввахс ныр баст у Гуырдзыстоныл .
«Алцыппæт уæ къухты ис. Декабрмæ плангонд саммиты тыххæй куы зæгъæм, бацæттæгæнæн куыстытæ райдайдзæн тагъд. Ацытæккæ мæ бон зæгъын у, цæмæй къухараздзыстæм æнгом ахастытæ сфидар кæнынæн алы секторы, алы сферæйы, цæмæй уын уа Евроцæдисимæ куыд гæнæн ис, афтæ хæстæг ахастытæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, форматы номыл хъуыды кæнын нæхъуаджы у æмæ хъæуы зæрдиагæй кусын», – райхъусын кодта евродепутат.