Марина Энделадзе – Тынг сæрхызт хъуамæ уæм, чи зоны Тбилис исты амæлттæй аирвæза инфицирады цауты рæзтæй
Тбилисы инфекцион рычнындоны боксиргонд айвады къухдариуæггæнæг Марина Энделадзейы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ раззаг бонтимæ абаргæйæ, Тбилисы коронавирусæй инфицирады ног цауты нымæц райрæзтис.
Цауты нымæцмæ гæсгæйæ, Энделадзе куыд банысан кодта афтæмæй, сæрхызтдзинад хъахъхъæнын у æнæмæнгхъæугæ.
«Сегасдæр сæйраг у, коронавирусы цауты нымæц кæй фæфылдæр Тбилисы, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы регионмæ хъæуы хъус дарын, фæлæ цæрджытæ фылдæр кæм сты æмæ сегасдæр нысаниуæджын мадзæлттæ кæм цæуынц, уый тыххæй дæр, тынг хъавгæйæ хуъамæ уæм. Чи зоны, Тбилис исты амæлттæй аирвæза æмæ нын стыр нымæцæй инфицирады цаутæ ма уа», – райхъусын кодта Марина Энделадзе.
Фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусы 549 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 268 пациент.
Афтæма, коронавирусы ног цаутæй 348 Ачъарайы, 99 та Тбиилисы рабæрæг сты.