Марина Энделадзе æмбарын кæны, цæмæй кæд нал вæййынц хæцгæ коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæ
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксгомау хайады къухдариуæггæнæг, Марина Энделадзе æмбарынгæнæнтæ дæтты, цæмæй кæд нал вæййынц хæцгæ, коронавирусæй рынчын, æнæсимптом, рог, кæнæ астæуккаг симптомтæ кæмæн ис ахæм пациенттæ.
Энделадзейы дзырдæй, æнæсимптомон пациент, 10 боны фæстæ хæцгæ нал вæййы æмæ фæлхатгæ басгæрст йын нал хъæуы. Астæуккаг æмæ рог симптомтæ кæцы пациенттæн ис, уыдон, Марина Энделадзейы дзырдæй, 13 боны фæстæ инфекци ахæлиуы æрдгæй тæссаг нал вæййынц.
«Кæд пациентæн симптомтæ нæй, фæлæ йын коронавирус сбæлвырд ис, уæд фæбæрæгæй 10 боны фæстæ уымæй низ никæуыл бахæцдзæн, нал йын хъæуы басгæрст, æмæ йæ бон у æхсæнадмæ рацæуын æдæрсгæйæ, цæмæй никæуыл бахæцдзæн вирус уымæй. Астæуккаг уæзы æмæ рог симптомтæ кæцы пациенттæн ис, уыдонæн симптомтæ 10 бон нал аххæсдзысты æмæ ма ноджы æртæ уыдзысты æнæсимптомтæй æмæ 13 боны фæстæ хæцгæ рынчынтæ нал сты, нымад цæуынц снæнизуæвæгыл æмæ сæ бон у дзыллæмæ баиу уын», – фехъусын кодта Марина Энделадзе.
Уый ма афтæдæр райхæлдта, цæмæй сæрхызтдзинады тыххæй, пациент, фыццаг симптомы рабæрæгæй 13 боны фæстæ хæцгæ рынчыныл нымад нал цæуы, фæлæ инфекцийы ахæлиуы рискъ, æхсæзæм, æвдæм бонæй къаддæр кæны.
«Инфекци ахæлиуы риск, 6-7-æм бонæй каддæр у. Гæнæн ис «PCR» тест æвæрццаг дзуапп равдиса, фæлæ низы ахæлиу, 5, 6, 7-æм бонæй каддæр у. Кæд 13 бон рацыди, уый категорионæй нал у хæцгæ, гæнæн ис, тест æвæрццаг дзуапп равдиса, уæлдайдæр «PCR» тест, уымæн æмæ æнкъараг метод у æмæ гæнæн ис, вирусы мард хæйттæ дæр ссара», – райхъусын кодта Марина Энделадзе, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы эфиры, Мари Малазониайы алæвæрд «Пиради Экими (Сæрмагонд Дохтыр)»-ы.