Мария Захарова – НАТО æмæ АИШ-ы нал æмбæхсынц уый, цæмæй «Европæйы сæрыл хæцæг 2020»-ы ахуырты фæлгæтты, потенцион ныхмæлæууæг у Уæрæсе
НАТО-йы æфсæддон ахуырты «Европæйы сæрыл хæцæг 2020»-имæ баст агрессивон хъавд, Уæрæсе йæхи æфсæддон арæзтады йæ зæрдыл бадардзæн» – уый фæдыл Уæрæсейы ф æсарæн хъуыддæгты министрады пресс-спикер Мария Захарова райхъусын кодта.
Захаровайы дзырдæй, зæгъгæ нал дæр НАТО-йы æмæ нал дæр АИШ-ы нал æмбæхсынц уый, цæмæй ахуырты фæлгæтты, потенцион ныхмæлæууæг у Уæрæсе. Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвары куырдиатæй, зæгъгæ уый бæлвырдгæнæн у 5 марты АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары куырдиат, кæцы загъта цæмæй НАТО-йы æфсæддон ахуырты нысан у, Уæрæсейæн сигнал арвитын, цæмæй йæ « фыдуаг ахаст» фæива.
Захарова йæ хъусдард раздæхт а уыцы фактмæ, ома уæрæхмасштабон маневрты ауадзыны фæдыл скуыддзаг уыцы рæстæджы райстой, Уæрæсе Стыр Фыдыбæстæйон зæсты уæлахиздзинады 75 азы юбилейы куы сбæрæгбон кæндзæн.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвар афтæдæр загъта, цæмæй зæгъгæ нацистон Гемрани куыд пайда кодта советон цæдисы æрдæм æнæбындур аххосæгтæй, раст ахæм тезистæй ныр Вашингтоны райдыдтой пайда кæнын æмæ Уæрæсейы балхъивын архайынц.
НАТО-йы хæцынмæ цæттæдзинад басгарыны нысанæй, пъангонд масштабон æфсæддон ахуырты рæстæджы, фæстаг 25 азы дæргъы фыццаг хатт, Европæйы континентыл америкаг æфсæддæтты сеппæтæй масштабон æрвыст æрцæудзæн. Ахуыртæ Европæйы домынц 20 000 америкаг æфсæддоны рарвитыню Сæ нымæцы денджызон фистæгтæ, æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ, националон гвардийы хайадтæ æмæ резервон хайадтæ. Сеппæтæй егъау контингент æрлæудзæн Польшæйы. Æмтгæй райсгæйæ æфсæддон ахуырты 18 бæстæйы 37 000 æфсæддон кусæг райсдзæн хайад. Рауагъдад «Арми Таймс» фыссы, цæмæй æфсæддон ахуырты фæлгæтты, америкæгтæ, Гуырдзыстоны бирæнацион парашютон гæппмæ бадардзысты цæст. Æсæддон ахуыр «Европæйы сæрыл хæцæг 2020» фæуыдзæн июны.