Мариам Джаши – Уадзын  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   фылдæрты сконд, ай  у принципон  уынаффæ
Мариам Джаши – Уадзын «Гуырдзиаг Бæллиццы» фылдæрты сконд, ай у принципон уынаффæ

Мариам Джаши  парламентон  фылдæрты   æмæ  парламенты  ахуырады, зонæдты  æмæ  культурæйы  комитеты   сæрдары  постæй  йæхи  систа.

Мариам Джаши  куыд  банысан кодта афтæмæй,    пропорцион   æвзарæнон   системæмæ   ахизынмæ гæсгæ   конституцион  ивдтыты  фæкъуыхцыйы фæстæ,   уый  консультацитæ ауагъдта  йæ  коллегæтимæ æмæ  рахаста  уынаффæ.

«Зæгæън ис æртæ сахаты   рацыд   халæппæрсты  фæстæ  æмæ  ацы  рæстæгæй  специалонæй  спайда  кодтон,  цæмæй   мæ  уынаффæ  ма  уыдаит эмоцион   фоныл ист.   Мæнæн  тынг   зынаргъ   коллегæ æмæ  хæлар   баззад  «Гуырдзиаг  Бæллиццы»,   æз та  ацы  рæстæгæй  спайда кодтон, цæмæй  мын уыдаит  семæ   ныхас,  цæмæй  мæ  уынаффæйы  фæдыл  бирæтæн фезхусын кодтаин. Æз  уадзын   «Гуырдзиаг Бæллиццы»   фылдæрты  сконд æмæ   уымæ гæсгæ дæр,  мæхи уæгъд кæнын   ахуырады, зонæдты æмæ культурæйы  комитеты  сæрдары  постæй. Дискусси адарддæр кæнын  æгæронæй  ис гæнæн, цæмæй  кæцы  æвзарæнон системæ у  хуыздæр, фæлæ    мах  дыууæ мæйы  размæ  раттам дзырд,   æхсæнадæн  æмæ  æхсæнадæмон  дзыллæйæн,  93  депутатимæ разыйæ æмæ  къухæвæрдæй, ай  уыдис  тынг принципон  фарста, цæмæй  йæ  рахастаиккам.   Æз кæддæриддæр хъал  уыдзыæнæн   æмæ,  цæй   зæгъын æй хъæуыы,  кæддæриддæр  æвæрццаг аргъ  ратдзынæн   уыцы  инициативæтæн  æмæ историон  уынаффæтæн,   кæцытæ  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  хицауад æрбахаста   Гуырдзыстонмæ,   æнæнизхъахъхъæды,  ахæстæтты,  ахуырады   системæйы   сæххæст реформæтæ, фæлæ  ай  уæддæр у  принципон   уынаффæ,  кæцы  нæрайсын  абон  гæнæн   нæ уыд», –  райхъусын кодта  Мариам Джаши.