Маргус Цахкъна – Кæд æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ нæ фæивдзысты сæ курс, кæцы сæхи адæмы ныхмæ здæхт у, уæд ис гæнæн æнæвизæйон змæлды тобæдзинад дæр
Маргус Цахкъна – Кæд æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ нæ фæивдзысты сæ курс, кæцы сæхи адæмы ныхмæ здæхт у, уæд ис гæнæн æнæвизæйон змæлды тобæдзинад дæр

Кæд æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ курс нæ аивдзысты, кæцы сæхи адæмы ныхмæ здæхт у, уæд ис гæнæн æнæвизæйон змæлды тобæдзинад дæр, – расидтис Эстонийы æддаг хъуыдтæгты министр, Маргус Цахкна.

Брюсселы Евроцæдисы æддаг хъуыддæгты министрты советы рабадты райдайæны размæ, Цахкна банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны уагъд æвзæрстытæ нæ нымайы.

«Эстони санкциты номхыгъдмæ бафтыдта 14 бæрзонд гæс. Се æхсæн ис Гуырдзыстоны премьер-министр дæр. Абон нæ зæрдæ дарæм, цæмæй дипломатон æмæ службæгæнæг паспорты хицæуттæн æмæ хицæн адæймæгтæн тобæйы снысан кæныны фæдыл бадзырдмæ баххæсдзыстæм. Фæлæ уыдзæн даргъдæр ныхас, уымæн æмæ цы цæуы ныртæккæ Гуырдзыстоны, зæгъæн ис, цæмæй уый нæу демократион. Адæймаджы барты ныхмæ тыхмидзинад у фыдракæнд.

Æмæ ма, æз раздæр загътон, цæмæй æз нæ банымайдзынæн æвзæрстыты фæстиуджытæ куыд æргом, рæстаг æмæ демократон. Афтæ нæ уыд. Уымæ гæсгæ мын æхсызгон у абон ацы хъуыддагыл ныхас кæнын. Афтæ дæр нæм ис æндæр æмæ æндæр мадзæлтты номхыгъд, кæцытæ Евроцæдисæн йæ бон у райса фидæны. Кæд æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ нæ фæивдзысты сæ курс, кæцы сæхи адæмы ныхмæ у здæхт, уæд ис гæнæн æнæвизæйон змæлды тобæдзинад дæр. Гуырдзиаг адæм хъуамæ æмбарой, цæмæй мах сæ фарсмæ лæууæм. Фæлæ уымæн уыд фæстиуджытæ Гуырдзыстоны хицауадæн. Абон ууыл æруынаффæ кæндзыстæм æмæ фендзыстæм цавæр бадзырдмæ баххæсдзыстæм», – банысан кодта Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Гуырдзыстоны хицауад сайдта гуырдзиаг адæмы æмæ Евроцæдисæн».

«Эстони йæ фарсыл хæцы гуырдзиаг адæмæн æмæ ныфс ис Евроцæдисæн дæр». Гуырдзыстоны хицауадимæ баныхас кодтам æндæр æмæ æндæр къахдзæфтæй, кæцытæ хъуамæ сырæза, цæмæй Гуырдзыстон баиу уа Евроцæдисмæ. Мах, европæйаг фарс алцыдæр сарæзтам. Се æхсæн визæты либерализаци, финанскæнынад. Цы зæрдæ бавæрдтам, уыдон иууылдæр сæххæст кодтам. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, «Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертæ фæсайдтой гуырдзиаг адæмы æмæ Евроцæдис дæр. Уымæн уыд фæстиуджытæ. Бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстонæн, куыд æппæт адæмтæн, ис бар сабырæй тох кæна сæ бартæ бахъахъхъæныны тыххæй. Махæн нæ бон у сæ фарс рахæцын æмæ сын æххуыс кæнæм. Фæлæ мæ абон фæнды зæгъын, цæмæй Гуырдзыстонæй Евроцæдисмæ автобус ныридæгæн æрлæууыд. Æппæт финанскæнынад ныридæгæн æрлæууыд. Ныр æвзæры фарст, сæххæст кæндзыстæм æви нæ санкцитæ конкретон адæймæгтæн æмæ афтæдæр дипломативон кæнæ службæйы паспорты хицæуттæн. Ныфс мæ ис, афтæ кæй уыдзæн. Гæнæн ис æмæ уыдон алкæмæй практикон къахдзæфтæ не сты, фæлæ уыдон сты хъусынгæнинæгтæ гуырдзиаг адæмæн, цæмæй мах стæм сæ фарсмæ», – расидтис Маргус Цахкъна.