Маргус Цахкна – «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад йæ маскæтæ систа, алцыппæт, цы уынæм, гуырдзиаг адæмы фæндон нæу
Маргус Цахкна – «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад йæ маскæтæ систа, алцыппæт, цы уынæм, гуырдзиаг адæмы фæндон нæу

«Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад йæ маскæтæ систа æмæ уый цалдæр мæйы размæ ныридæгæн бынтон бæрæг уыд. Хъыгагæн, æвзæрстыты фæстæ, цыфæнды цы уынæм, уый нæу гуырдзиаг адæмы фæндон – уый фæдыл Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр Маргус Цахака «Сиенен»-имæ интервьюйы расидтис.

Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, æртæ Балтиаг бæстæ снысан кодтой санкцитæ уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, сабырадон демонстрантты ныхмæ ацы тыхмийы аххосджын сты.

«Демонстрациты ныхмæ тыхмидзинад æнæрайсгæ у. Куыд Евроцæдисы уæнгтæ, афтæ Балтийы æртæ бæстæ ацы фарста мæйты размæ рахастой æмæ йæ фæсарæн хъуыддæгты министрты советы радон рабадтыл ногæй рахæсдзысты. Уымæй дарддæр ма, мах æртæ Балтиаг бæстæ, сабырадон демонстрантты ныхмæ ацы тыхмийы аххосджынты ныхмæ санкцитæ сфидар кодтам, олигарх Иванишвилийæ райдайгæйæ. Уый у арф тыхстгæнæг, æмæ æз æнæхъæнæй дæр разы дæн, цæфгонд журналисттæй иуы ныхæстимæ, «бæрæг у, цæмæй Уæрæсейæн уым фылдæр æндæвдад ис, æмæ уый у ахæм хъуыддаг, кæцы гуырдзиаг адæмæн у æнæрайсгæ» – райхъусын кодта Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæг .

Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны нысаны фæдыл амонæджы фарстæн дзуаппæн, Маргус Цахкна расидтис, цæмæй «Гуырдзиаг бæллиццы» лидертæ Евроцæдис æмæ гуырдзийаг адæмы сайынц.