Манхэттэн цалдæр сахатæй æнæэлектроэнергийæ уыд

Манхэттэн  цалдæр сахатæй  æнæэлектроэнергийæ  уыд.

«ВВС» куыд фыссы  афтæмæй,  Нью-Йоркъы сыхы  электроэнергийы раиуы  аххос  зæххыбын уæвæг  трансформаторы  зынгсирвæзт ссис.

Электроэнергийы раиуы  тыххæй, рæстгæмæ  урæд уыд метрополитен дæр.  Уæлвæтк  уавæрты  куысты минæврæттæ  лифты   баззайæг дæсгай  адæймагы   ракодтой.  Куылымпыйæ  куыста  æхсæнадон транспорт. Бродвейыл  цалдæр  равдыст   æргъæвд æрцыд, æрмæст Карнеги  Холлы  цæугæ  концерт  аскъуыдтой æмæ   публикæйы эвакуаци бахъуыд.

Электроэнергийы  ифтонгад  Нью_Йоркы цалдæр сахатмæ сног ис.