Мамука Мдинарадзе - уыцы агенттæ, кæцытæ Гуырдзыстоны хæстмæ кодтой, Саакашвилийы æрбахъуыззын кодтой,  путч сорганизаци кæныны тыххæй æмæ революцион нывæзттæ æрæвæрдтой, хъуамæ дзуапп раттой
Мамука Мдинарадзе - уыцы агенттæ, кæцытæ Гуырдзыстоны хæстмæ кодтой, Саакашвилийы æрбахъуыззын кодтой, путч сорганизаци кæныны тыххæй æмæ революцион нывæзттæ æрæвæрдтой, хъуамæ дзуапп раттой

Æппæт уыцы агенттæ, кæцытæ æцæгæйдæр кодтой Гуырдзыстоны хæстмæ, кæцытæ загътой, цæмæй нæй хæст кæнæ сабырады дилеммæ, кæцытæ æвзæрстыты агъоммæ Гуырдзыстонмæ æрбахъуыззын кодтой  Саакашвилийы, цæмæй сарæзтаиккой путч, кæцытæ, цалынмæ хæст цыд, уæдмæ бæстæйы революцион нывæзттæ æвæрдтой æмæ тыхмийы протесттæ сорганизаци кодтой – хъуамæ дзуапп дæттой гуырдзиаг адæмæн,  – фыссы Мамука Мдинарадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «æхсæнады цыфæнды уæнг, кæцы нырма дæр сæ фарс хæцы, хъуамæ ахъуыды кæна ууыл ныртæккæ».

«Сабырдзинады агурæг» – ахæм сæйраг лозунг бавдыстой дунейы дыууæ ядерон паддзахады, АИШ æмæ Уæрæсейы лидертæ æмæ уыдон расидтысты сабырад сфидар кæнын сæйраг æвзарæнæй. Бирæ раздæр, Украинæйы хæсты тæккæ райдианæй мах ныфсджынæй дзырдтам гуырдзиаг æхсæнадæн, цæмæй æнæформалон, æнæзонгæ тыхтæ, бюрократты сæргълæудæй, нæ хицауад æмæ бæстæйы æрæвæрдтой хæст æмæ сабырады дилеммæйы. Радикалон оппозици, афтæ хуынæг медиа æмæ æнæхицауадон организациты сектор, кæцытæ уыдысты сæ æнæдзургæ коммæгæсдзинады, архайдтой æппæт уыдæттæ равдисын, куыд «мæнг дилеммæ» гуырдзиаг æхсæнадæн.

Дональд Трамп æмæ Владимир Путины фембæлд æппæт фарстытæн дзуапп лæвæрдта: 1. Ацы хæст прокси-хæст уыд? О, уый уыд Ныгуылæн æмæ Уæрæсейы ныхмæлæуд æртыккаг бæстæйы къухæй. Ацы факт Дональд Трамп йæхæдæг сбæлвырд кодта. 2. Гуырдзыстон хаст æрцыд ацы хæстмæ? О, хаст нæу, фæлæ пъланы хай, куыд дыккаг, прокси-паддзахад, æмæ нæ фидардзинад куы нæ уыдаит, уæд абон Гуырдзыстон уыдаит хæлддзæгты. 3. Ацы хæстæй хи бахизын гæнæн уыди? О, куыд америкæгтæ, афтæ уырыссæгтæ дæр, лидерты æмвæзадыл, разы сты, цæмæй ацы хæст нæ æрцыдаид, Трамп йæ бынаты куы уыдаид (ома, æмбæлон политикон фæндон куы уыдаид, уæд). 4. Хæст æмæ сабырады дилеммæ æцæг уыд? Кæй зæгъын æй хъæуы уый уыд сæйраг дилеммæ, кæцыйы раз лæууыд нæ бæстæ, æмæ мах, гуырдзиаг адæмы фарсылхæцындзинадæй, райстам æнæальтернативон уынаффæ, фервæзын кæнгæйæ бæстæ æмæ дæсгай мин æмбæстæгты цард. Уый тыххæй бафыстам уæззау политикон аргъ.

Уымæ гæсгæ, æппæт уыцы агенттæ, кæцытæ æцæгæйдæр Гуырдзыстоны хæстмæ æрбакодтой, кæцытæ загътой, зæгъгæ, нæй хæст æмæ сабырады дилеммæ, кæцытæ æвзæрстыты агъоммæ Гуырдзыстонмæ ныббырстой путч саразыны тыххæй, кæцытæ хæсты параллелонæй бæстæйы революцион нывæзттæ æвæрдтой æмæ тыхмийы митингтæ сарæзтой, хъуамæ дзуапп дæттой гуырдзиаг адæмæн. “Æхсæнады уæнг, кæцы сын нырма дæр æххуыс кæны, хъуамæ ныр æппынкъаддæр ахъуыды кæна, куыд æххуыс кæнынц уыцы адæмæн, кæцытæ, куы фæуæлахиз уыдаиккой, уæд, гæнæн ис, æмæ удæгас дæр ма уыдаиккой?!” – фыссы Мдинарадзе.