Мамука Мдинарадзе – оппозици парламентмæ ма хъуамæ бацæуа, уыдон ма хъуамæ бацæуой, куысты уавæр уæддæр уым уыдзæн æмæ хъахъхъæд уыдзыстæм уыцы диверсийæ, кæцыйы уыдон азты дæргъы æххæст кæнынц.
Парламентмæ ма бацæут, ма бацæут, æз сæм сидын, ма бацæут. Куысты уавæр уæддæр уыдзæн æмæ хъахъхъæд уыдзыстæм уыцы диверсийæ, кæцыйы уыдон æнæхъæн ацы азты æххæст кодтой, – сиды «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар Мамука Мдинарадзе.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг бæллицц» фыдыбæстæйæн кусдзæн æмæ уагдонæн ацы бæстæйы саботаж кæныны фадат нæ ратдзæн.
«Рекомендаци дæттын, цæмæй номхыгъдтæ æнæхъæнæй сæхгæной.Уадз æмæ номхыгъдтæ байдзаг кæной æмæ цы сæ фæнды, уый кæной. Кусдзыстæм нæ фыдыбæстæйæн æмæ нæ бауадздзыстæм уагдонæн ацы бæстæйы саботаж кæнын. Тынг хорз уыдзæн», – расидтис Мамука Мдинарадзе.