Мамука Мдинарадзе нæ цух кæны, ома Арчил Татунашвилийы хъуыддагыл оппозици æмæ хицаугæнæг бал, сраыз уой иумæйаг документыл
Фракци «Картули Оцнеба»-ы сæрдар Мамука Мдинарадзе нæ цух кæны, ома Арчил Татунашвилийы хъуыддагыл оппозици æмæ хицаугæнæг бал, сраыз уой иумæйаг документыл.
Журналисттæн Мдинарадзе куыд загъта афтæмæй, фракцийы абоны рабадтыл фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвилимæ байхъусдзысты кæцы депутаттæн бадæтдзæн информацийы уыцы сабырадон политикæйы тыххæй, кæцыйы министрад уадзы оккупацгонд территориыл.
«Хицауадмæ ис сеппæтæй прагматон æмæ фæстиуæгыл ориентацигонд политикæ, кæцыйы гæнæн ис хицауад ахæм уавæрты æххæст кæна, цæгаттаг «хæлар» оккупант куы у уæд. Архайæм, максималонæй фæстиуæгыл ориентацигонд политикæ æххæст кæнæм. Нæ алы къахдзæф æмæ уый нымæцы резолюцитæ дæр ацы нысанæй сты, цæмæй æхсæнадæмон мæъистæй спайда кæнæм æмæ ацы хъуыддаджы фæсарæйнаг партнерты бастдзинад срæвдз кæнæм. Нæ цух кæнын уый ома иумæйаг документыл сразы уæм. Ууыл тæрхон кæнæм, ам партион интерестæ нæй, уымæн æмæ хъуыддаг æххæссы деоккупацимæ æмæ æмбæстæгты цардмæ. Партион интерестæ цух хъуамæ уой æмæ ууыл уынаффæ кæнæм , цæмæй цы хуыздæр уыдзæн нæ бæстæйæн» – расидтис Мамука Мдинарадзе.