Мамука Мдинарадзе – «Нацзмæлд» нæ састис, цæмæй хæцджыты Украинамæ аласыны организацидзинад цæуы, ныр та уадзынц пиар иуæй-иу телеуынынады экспериментæй бæлвырд скандал бамбæрзынæн
Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, «Националон Змæлд» дыууæ боны дæргъы нæ састис, ома гуырдзиаг хæцджыты Украинамæ аласыны организацидзинад цæуы. Мдинарадзейы дзырдæй, ныр та уадзынц пиар кампани фæнысангонд скандал басусæг кæнынæн.
Мамука Мдинарадзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ иуæй-иу телеуынынады а.х. экспериментæй бæрæг ссис, цæмæй кæй фæнды, уыдонæн æнхъарынц бæрæг мызд, уадзынц сæ рекрутирдзинад æмæ сын не мбарын кæнынц законы нормæ, кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстоны æмбæстаг кæцыфæнды æндæр бæстæйы æфсæддон тыхтæм куы райсой, уæд уый сафы Гуырдзыстоны æмбæстагад. Мамука Мдинарадзе хъусын кæны, цæмæй законы ацы нормæ, «Гуырдзиаг Бæллицц» нæ райста.
«Нырма а.х. скринæй базыдтам, цæмæй комкоммæ «Фейсбукы» уыд публикацигонд райст, стæй та иуæй-иу телеуынынады а.х. экспериментæй ссис бæрæг, цæмæй, кæй фæнды, уыдонæн æнхъарынц бæрæг мызд, уадзынц сæ рекрутирдзинад æмæ сын не мбарын кæнынц законы нормæ, кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстоны æмбæстаг кæцыфæнды æндæр бæстæйы æфсæддон тыхтæм куы райсой, уæд уый сафы Гуырдзыстоны æмбæстагад. Ныр та уадзынц пиар кампани фæнысангонд скандал басусæг кæнынæн. Дыккаг, дзурынц, цæмæй ацы закъон раиста «Гуырдзиаг Бæллицц», уымæн æмæ йæ кæйдæр æфхæрдмæ раттын фæнды. Æмæ уый дзуаппæн мæ, æххст бæрнæй зæгъын фæнды, цæмæй 1993 азы редакцийы дæр закъондæттынады ацы нормæ æнæивгæ мидисæй уыд æмæ йæ хуъыдыйы дардта, æмæ абон дæр афтæ у: «Гуырдзыстоны æмбæстаг, фесафдзæн æмбæстагад, кæд Гуырдзыстоны компетентон оргæнтæй барлæвæрд цух, бахиздзæнис æндæр бæстæйы æфсæддон службæмæ, кæнæ пъæлицæймæ, кæнæ æдасдзинады куыстмæ», – хъусын кæны Мамука Мдинарадзе.
Афтæма йæ дзырдæй, уый зæгъгæ нæ цух кæны, ома Украинайы хæцæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæцы гæнæн ис уа æргомзæрдæ адæймæгтæ дæр, кæцыты уырны, цæмæй хæцынц сæрибардзинадæн æмæ сæ бæстæйы тыххæй, Гуырдзыстонæн.
«Абон уынæм пиаркампанийы хай, бæрæг æфсæддон уæнгтæн куы бæлвырдкæнын кæнынц, ома уыдоны æцæгдæр райсдзысты Украинайы гарзджын иугæндтæм æмæ гарзджын тыхты скодмæ. Уый фæдыл иунæг хъусинаг Гуырдзыстонæн ныры онг нæ уыд. Ныр кæд тыхæй сараздзысты уый, цæмæй исты амæлттæй официалон æмвæзыл сбæлвырд кæндзысты, ома уыдон æфсæддон сконды сты æмæ уымæй бацархайдзысты уæззау провокаци скæнын, уæд гæнæн ис æцæгдæр сын исчи баурома Гуырдзыстоны æмбæстагад, уый официалон документы æмæ равзæрæнты кæд сæхæдæг сараздзысты. уæд; Стæй æвæццæгæн уый бындурыл дæр райдайдзысты пиар. Нырма уый у æлгъаг провокаци æмæ хæдæгай Гиорги Вашадзе райдыдта уый социалон хызагы, ома дам Мдинарадзе бартхъирæн кодта æмбæстаг байсынæй, кæцы у мæнг, уымæн æмæ æз сарызтон реалон фиппаинаг, ома рабафысты нæ бафæдзæхстой адæймагы, цæмæй кæд æндæр бæстæйы гарзджын тыхты скондмæ бацыдаит, уæд Гуырдзыстоны æмбæстагад фесæфтаит. Уый ме мбарынгæнæн нæу, уый у закъоны æмбарынгæнæн», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.