Мамука Мдинарадзе хъусын кæны, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» сразы уыдзæн Зураб Джапаридзе æмæ Мамука Хазарадзейы куырдиатимæ, уыдонæн сæ депутатон æххæстбартæ фæурæды фæдыл
Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, политсоветы рабадтыл рахастой уынаффæ, ома парти йæ фарс рахæцдзæн Мамука Хазарадзе æмæ Зураб Джапаридзейæн æххæстбартæ фæурæды фæдыл куырдиатæн.
Уый фæдыл Мдинарадзе «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд фарста парламенты регламентмæ гæсгæйæ, приоритетон у.
«Сæ дыууæхаттон куырдиатмæ нæкæсгæйæ, мах сын æххæстбартæ нæ фæурæдтам, фæлæ нырид æртыккаг цау у æмæ. кæй зæгъын æй хъæуы, мах сразы уыдзыстæм сæ фæндимæ. Гуырдзыстоны парламент рахæсдзæн уынаффæ сæ æххæстабртæ фæурæды фæдыл . сæ иуы фарста ацы æрдæм, процедурон фарстæты комитеты æркастысты, иннæйы та райсом сæумæрайсом æркæсдзыстæм. Парламенты регламентмæ гæсгæйæ, ацы фарста парламент хъуамæ æркæса приоритетонæй», – райхъусын кодта Мдинарадзе.