Мамука Хазарадзейы   æхсæнадон  змæлд хуыйндзæн  «Лело»
Мамука Хазарадзейы æхсæнадон змæлд хуыйндзæн «Лело»

Мамука Хазарадзейы  æхсæнадон змæлды  номхуынд уыдзæн «Лело».  Уый фæдыл организацийы  бындурæвæрæг Мамука Хазарадзе  Анаклиайы  уагъд презентацийы  райхъусын кодта.

Афтæма, презентацийыл Хазарадзе  Анаклиайы нысаниуæгыл фæныхас кодта.

«Ныр мах стæм  Анаклиайы, уым, цы ран  а.х. арæн  нæ  дих кæны  не фсымæртæй, нæ абхазæгтæй; уым, цы ран  сегасæй   хæстæгдæр  бынат у нæ бæстæйы Европæимæ; бынат цы ран хъуамæ  сырæза  практиконæй  ног раздæхты  тæпп, æрбаздæхыны момент гуырдзиаг реалондзинадмæ,  нæ  паддзахадон   реалондзинадмæ.  Ай  у  бынат  цы ран æгæрон потенциалы   егъау проект  хъуамæ  сæххæст уа  æмæ æххæст цæуы,  цы  ран сырæздзæн бирæ  куыстбынат æмæ уый фадæттæ,  цæмæй иу  хатт æмæ   фæстагмæ, Гуырдзыстон æрыздаха йæхимæ функци – функци сыхы, функци регионы  æмæ Дунейы картæйыл. Мах нæ  контрибуци хъуамæ бавæрæм  ацы  æгæрон райуæрсты, кæцы  фæндæгты, транспорты æмæ зæгъæм  политикæйы  нысаниуæг хуыйны.

Фæнды мæ зæгъын уын, цæмæй  лæууæм  ныр уыцы ран, кæцы у  æппæтыфæстаг къулдуар  Гуырдзыстон æмæ Европæйы  æхсæн, æппæтыфæстаг къулдуар Азий æм Европæйы  æхсæн æмæ растдæр ардгæй, иу хатт æмæ æнустæм  æрфидар уа нæ  вектор,  вектор  Ныгуылæны æрдæм», – банысан кодта  Хазарадзе  презентацийыл, кæцы  Анаклиайы  ацыд.