Мамука Хазарадзе - оппозици æмæ «Лело» цæттæ стæм бадзырдтæ адарддæр кæнын
Парти «Лело Гуырдзыстонæны» лидер Мамука Хазарадзейы фидиуæнæй, оппозици Кристиан Даниелсоны фондзпунктджын документæй æртæйыл сразы ис. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ не сразы сты «Гуырдзиаг Бæллицы» æрдгæй.
Уыимæ иумæ Мамука Хазарадзейы ныхæстæм гæсгæ, оппозици æмæ «Лело» цæттæ сты, бадзырдтæ адарддæр кæнын.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, ис уыйркесурс, ацы форматы æфхæрд куы фæуа, кæцы «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрдгæй бирæ хатт фæфиппайдтам. Лæбурд уыдис премьер-министр куы райхъусын кодта, цæмæй ацы хъуыддагæн нæй нæдæр перспективæ нæдæр исты миниуæг ис бадзырдты форматæн. Бакой уын кæндзынæн, цæмæй ныхас цæуы президент Мишелы форматыл. Ахæм лæбурдтытæ ма хъуамæ уаид. Оппозиц æмæ «Лело» цæттæ сты, бадзырдтæ адарддæр кæнын, цæмæй иу хатт æмæ фæстагмæ политикæ бахизæт парламентон тыгъдадмæ» банысан кодта Мамука Хазарадзе, кæцы хъуыды кæны цæмæй фæсарæнтæй сæ тон карздæр кæны.
«Куырдиæтты динамикæмæ куы æркæсæм, уæд бæрæг у, цæмæй сæйрæй уыдис сидт дыууæдæр фарсмæ, стæй ахæм куырдиат, ома бæрн дыууæдæр фарсыл у æвæрд, фæлæ фылдæр – хицауадыл, ныр та æргомæй дзурынц, цæмæй Сомихыстоны зæгъгæ æвзæрстытæ куы ацыд, сымахдæр дам хъуамæ ауадзат. Сæ дзырд хъæбæрдæр кæны, уый тыххæй «Гуырдзиаг Бæллицц хъуамæ бамбарæт, цæмæй ацы бæстæйæн хъæуы ногдзинæдтæ, Даниелсоны документыл бафидауын, цæмæй бæстæ нормалон цард адаргъ кæна» – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.