Мамука Хазарадзе – мах федтам паддзахады æрдыгæй сæвзæрынгонд фыдгæнджыты спецопераци, сидын Бидзина Иванишвилимæ, кæд æмæ ацы фактæн æввахс 24 сахаты дæргъы нæ фæтæрхон кæндзыстут, уæд æппæт бæрндзинад сымахыл ис
«Знон мах федтам паддзахады спецопераци, сæрмагондæй Бидзина Иванишвилийы æрдыгæй арæзт фыдгæнджыты», – расидтис «Тыхджын Гуырдзыстоны» лидертæй иу Мамука Хазарадзе.
«Фæнды мæ зæгъон, цæмæй алцыппæт райдайы, – уый райдайы æвзæрстытæ куы æрцахсут, адæмы сæйрагдæр хъуыддагæй куы фæцух кæнут – сæ фæндоны равдыст æмæ хъæлæс кæныны бар, уый фæстæ æнæзакъонæй парламент æрæмбырд кæнут, æнæзакъонæй снысан кæнут хицауад, æмæ алы бастдзинæдтæ ахицæн кодта уыцы стратегион партнертимæ, кæцытæ фæстаг 35 азы дæргъы уыдысты гуырдзиаг адæмы фарсмæ, ай у Евроцæдис æмæ ай у АИШ. Уый у Бидзина Иванишвилийы политикæ, цæмæй Гуырдзыстон уа Уæрæсейы провинци æмæ ацы бæстæйы сæрибар адæм цæрой иунæгæй йæ закъæтты терроры бын. Знон уынджы федтам гуырдзиаг адæмы ныхмæ террористон акт! Иннæ 24 сахаты мидæг куынæ рацæуат æмæ ацы фактæн тæрхон куы нæ кæнат, уæд уыцы фыдгæнджыты нæ æрцахсдзыстут, бæстæйæн æмæ æнæхъæн æхсæнадæн нæ фенын кæндзыстут, цæмæй æмбарут, Гуырдзыстоны закъон кæй ис, пъæлицæйæгтæ кæй ис , барад æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ, кæд æмæ йæ 24 сахаты мидæг нæ саразат, уæд æнæхъæн Æхсæнад зоны, чи сты ацы пробертæ. Æппæт бæрндзинад дæуыл ис, сæрмагондæй!
Йæ къух мачи сисæд, сидын уæм, цæмæй ут фидар, уæ зæрдæхæлар, фидар ут, махæн ис иу фыдыбæстæ, фыдыбæстæйы сæрыл тох кæнын у иууыл стырдæр амонд! Мах иууылдæр хъуамæ уæм тынг æхсызгон! Мачи хъуамæ тæрса æмæ ацы тох стыр уæлахиздзинадмæ æркæндзыстæм», – расидтис Мамука Хазарадзе.