Мамука Хазарадзе æмæ Гиоргий Гахариайы партиты баиу кæныны фæдыл бадзырд ацы этапыл нæ бантыст
Коалици «Тыхджын Гуырдзыстоны» лидер Мамука Хазарадзе æмæ парти «Гуырдзыстонæн» сæрдар Гиоргий Гахария ноджы иу фембæлд сарæзтой.
Фембæлды фæстæ куыд рабæрæг ис афтæмæй, ацы этапыл фарсыты баиу кæныны фæдыл бадзырдмæ баххæсын нæ бантыст æмæ консультацитæ адарддæр уыдзысты.
«Куыд зонут афтæмæй, Мамука Хазарадзе йæ командæимæ исты фæдыл бахъуыд бадзырд. Мæ хъыгагæн, ацы бадзырд нырма нæ рацæуы. Фендзыстæм, банхъæлмæ кæсдзыстæм», – загъта Гиорги Гахариа.
Мамука Хазарадзе журналисттæн куыд расидтис афтæмæй, коалицион партнертимæ æнæ бадзырдæй хæдбарæй иу къахдзæф дæр нæ сараздзæн.