Мамука Хазарадзе - Ацы этапыл æмкуыст никæйимæ кæндзыстæм, æвзæрстытæм хæдбарæй рацæудзыстæм,  номдзыд  политиктæй  цухæй
Мамука Хазарадзе - Ацы этапыл æмкуыст никæйимæ кæндзыстæм, æвзæрстытæм хæдбарæй рацæудзыстæм, номдзыд политиктæй цухæй

Æмкуыст никæйимæ кæндзыстæм, æвзæрстытæм хæдбарæй рацæудзыстæм,   номдзыд  политиктæй  цухæй? – уый фæдыл  «ТВС Банкъы»   бындурæвæрæг  Мамука Хазарадзе, Аყаклиайы, æхсæнадон змæлд  «Лелойы»  бындурæвæрды фæстæ  журналисттæн загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  сырæзт тых, кæцы ориентиргонд уыдзæн  2020 азы  æвзæрстыты фæуæлахиз уыныл.

«Змæлды иугонд уыдзысты  адæм, кæцытæн ис конкретон фæстиуæг  сæ  куысты  æндæр æмæ æндæр сферæйы,  бæстæйы  æндæр æмæ æндæр  дисциплинæты æмæ  индустрийы.  Æмкуыст никæйимæ кæндзыстæм, æвзæрстытæм хæдбарæй рацæудзыстæм,   номдзыд  политиктæй  цухæй. Парламентмæ æвзæрст куы  æрцæудзыстæм, уынаффæ дæр рахæсдзыстæм, кæцы нæ бæстæйæн,  паддзахаддзинадæн уыдзæн нысаниуæгджын.  Ахæм у нæ позици», –  райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.

Мамука Хазарадзе  абон райхъусын кодта, цæмæй  йæ  æхсæнадон змæлды номхуынд уыдзæн «Лело». Йæ ныхæстæм гæсгæ,  уый  зæгъгæ агуры 12  лидеры   алы  къабазы дæр.